Избранный материал

Паломничество «Аланский крест»

Дорогие соотечественники!

 

 Ацы азы 7-9 августы хæрзаудæн фонд "Сæрмæт" æмæ Алайнаг Епархийы минæвæрттæ дыккаг хатт ацæудзысты, алайнаг кувæн рæттæ æмæ бынтæй Хъырымы чи баззад, уыдонмæ. Балц хæссы "Алайнаг Дзуары" ном, йæ девизæн та райстæуыд Хетæгкаты Къостайы рæнхъытæ: "Весь мир - мой храм, Любовь - моя святыня, Вселенная - Отечество мое!" Ацы фæндагыл чи 'рлæууыд, уыдон бацархайдзысты скифтæ æмæ аланты бындур бахъахъхъæныныл, национ иудзинад æмæ 'гъдæуттæ фидар кæныныл. Балцы уæвджытæ баздæхдзысты Бахчисарайы моладзандонмæ, стæй алантæ цы рæтты цардысты, уырдæм дæр. Сараздзысты ма кадджын аргъуыд, Ялтæйы алайнаг æмæ сæрмæтаг ингæнтæй иуыл цы мемориалон дзуар ис, уый цур. Изæры та уазджытæ æхсæвæры фынджы уæлхъус фембæлдзысты бынæттон ирон диаспорæйы минæвæрттимæ.

 

 

Продолжить чтение